Куыддæр йæ ахуыртæ фесты, афтæ Биджелты Бертæ атагъд кодта фæсивæдон парламентмæ. Абон уым равзæрстой ног сæрдар. Æмæ кæй?! Раст æй бамбæрстат – не `мкусæг, нæ телекомпанийы амонæг Биджелты Бертæйы. Уыцы бынатмæ ма хъавыд æндæр адæймаг, фæлæ нæ чызг аккагдæр разынд.
Уыцы-иуæй ма равзæрстой сæрдары хæдивæг æмæ къамисы къордты уæнгты. Иннæ фембæлды та сбæрæг кæндзысты фæсивæдон парламенты комитетты уæнгты. Æдæппæтæй сты 8. Архайынц фæсивæды социалон, экономикон æмæ амалхъом уæвыны райрæзтыл. Уымæй уæлдай ма сæ хъус дарынц ахуырадмæ, спортмæ, экологи æмæ ирон адæмы бындур бахъахъхъæнынмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæсивæдон парламентмæ сæ курдиæттæ 100 адæймагæй фылдæрæй кæй балæвæрдтой. Сæ хуыздæртæй дзы равзæрстой 50. Бертæйæн та нæ зæрдæ зæгъы, йæ фæндтæ иууылдæр æнтысджынæй йæ къухы куыд бафтой. Йæ зæрдæ ныл кæй нæ сивдзæн, уый нæ уырны.
















