Иумæйаг паддзахадон фæлварæн куыд цæуы, цавæр фæтк æмæ лыстæгдзинæдтæ дзы ис.Æппæт фарстатыл иууæндæсæмкъласонтимæ æрдзырдта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Фембæлды трансляци ма цыд онлайн хуызы дæр. Архайдтой дзы 3,5 мин скъоладзауæй фылдæр. Мадзал ацыд 44-æм скъолайы быдурыл. Профилон министр бæстонæй радзырдта кæронбæттæн паддзахадон аттестацийы сæйраг нысаны тыххæй.
















