Ахуырады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодтой парти «Иугонд Уæрæсе» -йы регионалон хайады дæр.
Радтой сын бузныджы грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ахæм акцитæ ацыдысты бæстæйы æппæт регионгты. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, Ахуыргæнæджы бон у ахсджиаг бæрæгбон, ноджыдæр ма иу фадат ахсджиаг куысты тыххæй бузныг зæгъынæн, рæзгæ фæлтæрæн раст фæндаг кæй амонынц, уый тыххæй.
















