Абон аивæдты ахуыргæнæндоны дуæрттæ гом уыдысты се `ппæтæн дæр. Æрвылаз училищæ суазæг кæны нæ республикæйы фæсивæды алы районтæй. Мадзалæн ис хъæугæ ахадындзинад. Арæзт вæййы сæрды æмæ зымæджы фæлварæнты хæдразмæ. Абон сæм уазæгуаты æрбацыдысты Беслæн æмæ Октябрьскæйæхъæуы æрыгон фæсивæд, стæй горæты аивæдты скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Ахуыргæнджытæ сын сарæзтой экскурситæ, дæсныйад зонынады уроктæ æмæ радтой дзуæппытæ сæ фарстатæн. Дзанайты Азанбеджы номыл аивæдты ахуыргæнæндон ныридæгæн кусы 45 азы. Ахуыр дзы кæнынц 3 дæсныйадыл – нывкæнын, дизайн æмæ декораторыл. Алы ног аз ахуыр кæнынмæ райсынц 40 адæймагæй фылдæр.
Алена Ладуденкова, ахуырдзау: «8 къласы ахуырдзау дæн, афæдзы фæстæ мæ фæнды ардæм фæлварæнтæ радтын. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы графикæ: ручкæ, кърандаш кæнæ маркерæй ныв кæнын мæнæн уæлдай нæу. Уыима уарзын кусын акварелимæ дæр».
Аивæдты ахуыргæнæндоны директор, Фидараты Фидар: «Абоны онг нæ ахуыргæнджытæ се `ргом здахынц сывæллæттимæ профориентацион куыст кæнынмæ. Уый у тынг ахсджиаг. Сæхи хъæппæрисæй ацæуынц дард хъæутæм дæр. Уым курдиатджын фæсивæды нымæц дзæвгар у. Хатгай сын махмæ æрбацæуынæн фадат нæ вæййы, фæлæ сæ ам сразæнгард кæныныл бафæлварæм, уазæгуаты сæ куы `рбахонæм, уæд».
















