Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы студенттæ бацæттæ кодтой «Цыппурсы концерт». Арæзт вæййы æрвылаз дæр æмæ дзы студенттæ равдисынц сæ арæхстдзинад æмæ дæсныйад. Æрбацæуын æм уыд алкæй бон дæр. Оркестры дирижер – Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг Евгений Кириллов. Концерты азæлыдысты Вивальдийы, Боккеринийы æмæ Бахы уацмыстæ. Сæ зарджытæ дзы акодта колледжы зарæггæнджыты къорд дæр.
Наталья Коломец, Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы фортепианойы хайады ахуыргæнæг: «Тынг æхсызгон мын у концерты зарæггæнджыты къорд кæй архайдта, уый. Уый стыр бæрæгбоныл банымайæн ис. Стæй ма мæ зæгъын фæнды – алы ахуыргæнæндон нæ раппæлдзæн, студентон оркестр сæм ис, уымæй».
















