Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæ бабæрæг кодта ахуыргæнæг Кучиты Софьяйы. Абон ын уæлдай æхсызгон бон у, уый тыххæй æмæ йыл сæххæст 100 азы. Ныр нымад у Цæгат Ирыстоны карджындæр ахуыргæнæгыл. Юбилæйы фæдыл ын Людмилæ Башаринæ арфæтæ ракодта. Ахуырадмæ, стæй ирон æвзаг парахат кæнынмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын загъта бузныг. Кучиты Софья 40 азæй фылдæр æрыгон фæлтæрæн зонд амыдта. Уыдон дæр æм иууылдæр хъарм ныхæстимæ цæуынц абон. Йæ ахуырдзуатæ, æмкусджытæ, хиуæттæ.
Кæд Кучиты Софьяйы царды фæндаг зын рауад, уæддæр ын йæ алы фæзилæн дæр хорз хъуыды кæны. Уæлдай æхсызгонæй рымысы йæ æрыгон бонтæ. Фыццаг къахдзæфтæ йæ дæсныйады куыд акодта, уыдон та цыма хæрзæрæджы уыдысты, афтæ йæ зæрдыл дары.
Кучиты Софьяйыл абон сæххæст 100 азы. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй йæ царды бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Софья ма хæрз чысыл уыдис, йæ мад куы амард, уæд. Йæ фыд ма уый фæстæ дыууæ хатты бавзæрста йæ амонд. Фæлæ уымæй нæ фæхай йæ хистæр æфсымæр. 15 азы йыл куы цыди, уæд йе`нæниздзинад фæцудыдта æмæ æвиппайды йæ цардæй ахицæн. Уый арф фæд ныууагъта Кучиты Софьяйы зæрдæйы. Ахæм стыр хъæдгом йæ зæрдæйы баззад Фыдыбæстæйы стыр хæстæй дæр.
Кучиты Софья педагогон институт каст куы фæцис, уæд ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Къостайы хъæуы. Уый фæстæ йæ ахуырады фæндаг æрбакодта Дзæуджыхъæуы 26-æм скъоламæ. Ам йæ уарзон куыстæн снывонд кодта 28 азы. Сабиты ахуыр кодта мадæлон æвзагыл. Скъоладзаутимæ ахуыргæнæг кæд тызмæг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ бирæ уарзтой. Ныр дæр ма йæ фæлмæн ныхасæй арæх `рымысынц.
Куырыхон сылгоймаг ахуыргæнæгæй фæкуыста 40 азæй фылдæр. Ахæм лæггады тыххæй æмæ йæ юбилейы фæдыл ын абон арфæйы ныхæстæ кæнынмæ æрбацыдысты бирæ йæ чи уарзы, уыцы хиуæттæ. Зæгъæн ис æмæ Хуыцау Кучиты Софьяйы сылгоймаджы амондæй хайджын фæкодта. Ис ын 5 хъæбулы хъæбулы æмæ уыдоны кæстæртæ 6-æй. Ахуыргæнæгæн бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы минситр Людмила Башарина дæр.
Цалынмæ кæстæртæн Кучиты Софьяйы хуызæн хистæртæ уа, уæдмæ сын царды фæрæдийынæй тæссаг нæу. Уыдон фæсивæдæн сты дæнцæг- царды зындзинæдтæ цас ис, уый бæрц дзы ис циндзинадтæ дæр.
Хъараты Маринæ















