Цыфæнды уавæры дæр тохы размæ бырста. Кæд цæфтæ райста, уæддæр йæ службæ нæ ныууагъта. Хъæбатырæй хъахъхъæдта йæ райгуырæн зæхх. Ахæм уыд Дзæрæхохты Сергей. Æцæг æфсымæр, хæлар, хъайтар. Сергейы лæгдзинад дæнцæг у Фыдыбæстæмæ уарзондзинадæн, уды фидардзинадæн. Йæ ном рох никуы уыдзæн æрмæст 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæй нæ, фæлæ æгас бæстæйы дæр.
Алы адæймаджы хæс дæр у йæ бинонтæ, хиуæтты æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Мухтарты Аслан кадимæ сæххæст кодта йæ размæ æвæрд хæстæ. Æцæг лæгдзинад равдыста. Фыдгæнджыты къухтæм бахаугæйæ йæхимæ райста къамандыгæнæджы хæстæ бахъахъхъæдта йæ хæстон æмбæлтты. Фервæзын кодта дæсгай салдаты царды, фæлæ йæхæдæг тохы бынатæй нал рацыд. Уæрæсейы президенты указмæ гæсгæ Аслан йæ амæлæты фæстæ хорзæхджынгонд æрцыд Лæгдзинады орденæй.
Зæрдæйæн кæд зын у, уæддæр хæстонты хиуæттæ сæрыстыр сты сæ хъæбатыртæй. Сæ цыбыр фæлæ ирд цардæй. Ацы мемориалон фæйнæджытæ сны æнустæм хъуыды кæнын ынысæнттæ. Ала хуыз рамкæйы Цгъойты Ацæмæзы портрет. Ныфсхаст , хæларзæрдæ æмæ æвзонг лæппуйы къам. Хæрз æрæджы дæр май æ бинонтæм дзырдта, кодта сын йæ хæстон фæндаджы хабæрттæ. Зæрдæ сын бавæрдта, кæй сыздæхдзæн уымæй. Ацæмæз хорзæхджынгонд æрцыд «за боевые отличия майданæй æмæ лæгдзинады орденæй
Ныртæккæ 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ æнæ мæтæй тезгъо кæнынц кæрты. Уым кæддæр ахуыр кодтой нæ фыдыбæстæйы хъайтартæ. Мухтарты Аслан, Цгъойты Ацæмæз, Елойты Чермен, Дзæрæхохты Сергей. Рæзгæ фæлтæрæн дæнцæгæн хæссинаг. Уыдон систы стыр кады аккаг, фæлæ йын бафыстой стыр хæс.
















