Цæрджыты удæнцойæн. Алагиры сæйраг парчы тагъд рæстæг фæллад уадзынæн фæзындзæн æппæт уавæртæ дæр. Фистæгæй цæуджытæн ног фæндæгтæ, стæй бандæттæ æмæ ма суанг лæвар Wi-Fi. Уый 10 азы дæргъы фыццаг егъау рацарæзт у. Горæты уынгты ма ногæй цы фæзындзæн?
Алагиры аргъуаны алыварс парк сырæзт XIX-æм æнусы кæрон. Бæстыхай у Цæгат Ирыстоны рагондæр аргъуантæй иу. Ныртæккæ фæлладуадзæн бынат цæуы цалцæггонд. Проект рамбылдта «Чысыл горæттæ æмæ, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цæрæнбынæтты хæрзвадат кæныны» æппæтуæрæсеон æркасты. Рацарæзтæн цы 80 млн сомы рахай кодтой, уыдонæй кæнынц фистæгцæуджытæн, уыимæ велосипедтæн сæрмагонд фæндæгтæ. Уыдзæн дзы лæвар вайфай дæр. Æмæ уыдон куыстытæн æрмæст се ‘мбис сты.
Парчы цур аразынц кафетæ æмæ дуканитæ. Афæдзы фæстæ та сног кæндзысты кинотеатр «Комсомолец». Бæстыхай сæхгæдтой фондз азы размæ. Бындуронæй йæ рацаразын бабар кодта Сергей Меняйло. Фæскомцæдисы номыл уынджы фæлладуадзæн бынаты та ныссадздзысты бæлæстæ, байтаудзысты кæрдæг. Сæрмагонд фæз дзы фæзындзæн, спорты ‘рдæм здæхт чи у, уыцы цæрджытæн дæр.
Егъау рацарæзт кæронмæ сæххæст кæнын кусджытæ фæнд кæнынц 1-æм ноябрмæ. Цæрджытæ ахæм ивддзинæдтæй разы сты.
Æнцонвадат æхсæнадон бынæттæ аразынц Цæгат Ирыстоны æппæт горæтты дæр. Мæздæджы кæронмæ хæццæ кæнынц Уæлахизы парчы куыстытæ. Æрыдоны та нывыл кæнынц «Тæргайдон»-ы былгæрæтты 6 гектары. Федералон проекты фæлгæты ахæм куыст бакæндзысты Беслæн æмæ Дигорайы дæр.
Уæрæсейы арæзтады министрады специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй проект здæхт у бæстæйы горæтты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынмæ.
















