Алайнаг гимназы ацыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ. Ирвæзынгæнджытæ та радон хатт фæлтæрдтой сæ дæсныдзинад зынгсирвæзты рæстæг архайгæйæ. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ зынгсирвæзт æрцыд ахуыргæнæндоны чиныгдоны.
3 минутмæ зынгхуыссынгæнæн хæдтулгæ балæууыд хъӕугӕ бынаты. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ Алайнаг гимназы чиныгдоны æрцыд зынгсирвæзт. Ахæм уавæры зынгхуыссынгæнджытæн хъуыды кæнынмæ рæстæг нæ вæййы. Фæхъæуы сæ æвæстиатæй сæ куыст бакæнын. Ис афтæ зæгъæн, æмæ сывæллæтты цард ис сæ къухты. Сæрмагонд зонындзинæдтæ хъуамæ уа ахуыргæнджытæм дæр. Педагогты фыццаджыдæр хъæуы сывæллæтты басабыр кæнын, ссарын æдас бынат æмæ уырдæм ракæнын скъоладзауты.
Цæмæй зынгхуыссынгæнджытæн сæ хæс фæзындæр кæной, уый тыххæй ахуырты рауад ахæм цау дæр – цыма дыууæ сывæллонæн æддæмæ рацæуын нæ бантыст. Ома сæ бахъыгдæрда бæстыхайы фæздæг кæй апарахат, уый. Ирвæзынгæнджытæ сабиты æддæмæ ракодтой. сæ хæс сæххæст кодтой иттæг хорз.
Зынгсирвæзт хуыссынгонд æрцыд. Сывæллæттæй хъыгдæрд ничи баййæфта. Ныр та дыккаг хай – ирвæзынгæнæн операцийæн хатдзæгтæ скæнын.
Ахуырты архайджытæ се ‘ппæт дæр тынг хорз бакуыстой. Архайдтой сæрмагонд амынддзинæдтæм гæсгæ. Алайнаг гимназы фæлтæрдтой практикон зонындзинæдтæ, стæй зынгсирвæзты рæстæг иумæйаг архайд.
Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны арæзт арцыд сæрмагонд фæтк, ахæм ахуыртæ аразынæн республикæйы скъолаты. Сæ сæйраг хæс та у – афойнадыл æмæ æнæ къуылымпытæй адæмы ирвæзын кæнын базонын.
Гугкаты Иринæ
















