preloader
сейчас в эфире
12:13
ФАТИМА 12+
Смотрите Далее
12:20
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
12:40
ПОЗИТИВЧИКИ 12+
13:00
TABULA RASA. АЛИСА ГОКОЕВА 12+
14:10
ОСЕТИНСКАЯ ЛЕГЕНДА 12+
15:40
ОБРАТНО В КАНИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФАТИМА 12+
close

Дзӕуджыхъӕуы бындуронӕй цалцӕг кӕнынц сывӕллӕтты 75-ӕм рӕвдауӕндон

16.07.2026 13:17

Хъомылгӕнинӕгтæ уал цæуынцы ӕндӕр къордтæм. Цалцæджы ӕппӕт къӕпхӕнтӕ фӕуынмӕ хъавынц сентябры кӕронмӕ Уый фӕстӕ ног — рухс, ӕдас, хӕрзвадат агъуыстытæ — ногӕй байдзаг уыдзысты сывӕллӕтты хъӕлӕстӕй.

Ныртӕккӕ ардыгæй сывӕллӕтты хъæлæсты бӕсты хъуысы арӕзтадон мигæнæнты уынӕр. 75-ӕм рӕвдауӕндоны дыууӕ къорды цӕуы бындурон цалцӕг. Ног кæнынц инженерон коммуникацитӕ: ивынц телтӕ, сантехникæ, рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ. Уый фæстæ та агъуыстыты бакæндзысты аивгæнæн куыстытæ.

Сывӕллӕтты рӕвдауӕндон “Ромашка” кусы 50 азӕй фылдӕр — 1973-æм азӕй фӕстӕмӕ. Цӕуынц ӕм 300 сабийы. Ахæм ном ыл сæвæрдтой бæстыхайы ӕнахуыр пъланы фӕрцы: алы къордӕн дӕр ис хицӕн рацӕуӕн тезгъогӕнӕн фӕзмӕ. Ӕнусы ӕмбис чысыл æмгъуыд нæу. 1973-æм азæй нырмæ иуæй- иу агъуыстытӕ заууатмæ æрцыдысты. Уӕлдай хъусдард — инженерон системӕтӕм. Уыдоны хӕрзхъӕддзинадӕй аразгӕ у хъомылгӕнинӕгты ӕдасдзинад ӕмӕ удӕнцой.

Цалцӕгмæ цӕст дарынц Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты æмбырды депутаттӕ горӕты администрацийы специалисттимӕ иумӕ. Ӕркасты рӕстӕг сбӕрӕг кодтой, ноджы ма дыууӕ къордмæ базилын кæй хъӕуы, уый. Уыдонӕн дæр бацӕттӕ кӕндзысты проектон-хыгъдон документаци ӕмӕ банымайдзысты хъæугæ æхцайы бӕрц. Рæвдауæндоны разамонæджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕххуысмӕ ам рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты.

75-ӕм рæвдауæндон сног кӕнын у горӕты комплексон программӕйы иу хай. Афӕдзы размӕ Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты æмбырды депутатты хъӕппӕрисӕй сарӕзтой кусӕг къорд. Специалисттӕ федтой ӕппӕт бæстыхæйттæ ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, æвæстиатæй кæцы кусæндæттæм хъæуы базилын, уый. Афӕдз нæ рацыд, афтæ ног уддзæф бауагътой 15 рӕвдауӕндоны. Хъæугæ фæрæзтæ сты муниципалон бюджетæй.

Хъомылгӕнинӕгтæ уал цæуынцы ӕндӕр къордтæм. Цалцæджы ӕппӕт къӕпхӕнтӕ фӕуынмӕ хъавынц сентябры кӕронмӕ Уый фӕстӕ ног — рухс, ӕдас, хӕрзвадат агъуыстытæ — ногӕй байдзаг уыдзысты сывӕллӕтты хъӕлӕстӕй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзотты бинонтæ | Бинонтæ
17.10.2026
Гвардия I 17.10.2026
17.10.2026
Кувæг Ир I Елиайы бæрæгбон
17.10.2026
Традиция Веры I 17.10.2026
17.10.2026
Хъолайы цъити, ахуырад æмæ театр «Шкит»-ы гастрольтæ | Йæ рæстæгыл
16.10.2026
Алан Лазаров | По большому счету
16.10.2026
16.10.2026 I Хæдзарадон
16.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 16.10.2026
16.10.2026
167-летие Коста Хетагурова; Елена Ксенофонтова, Георгий Дронов и Юлия Тельпухова во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
15.10.2026
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Все рекомендуемое