Анастасия Чеславская кæны пряниктæ. Фæлæ йæ адджинæгтæ хуымæтæг не сты. Алкæцы пряник дæр, аивады сфæлдыстадау, æнахуыр рæсугъд. Æрæджы чызг бацархайдта фестивалы æмæ бацахста фыццаг бынат.
Зындгонд мультипликацион кинонывты архайджытæ, галуантæ æмæ ног азы фæлындæнтæ. Фыццаг бакастæй йæ адæймаг нæ бамбары, адджын гуылтӕ кæй сты – пряниктæ. Анастатсия Чеславская сæ кæныныл ахуыр кодта æртæ азы. Ныв кæнын бирæ кæй уарзы, уый дæр ын ацы хъуыддаджы феххуыс.
Фыццаг пряник скæныныл ын кæд фондз сахаты ацыд, уæд ныр сахатмæ цалдæр ацæттæ кæны. Йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ не ‘вгъау кæны. Йæ куысты уарзондæр хай у ныв кæнын.
Дыууæ азы размæ Анастасияйы ахуыдтой Уæрæсейы фестиваль «Мир пряника»-мæ. Ахаста ирон адæмон кафт симдимæ баст фæлгонц. Бацахста æртыккаг бынат. Ныр сфæнд кодта фестивалы ногæй бацархайын. Метры æрдæджы йас пряник Петербурджы нывæфтыдимæ алкæй дæр дисы бафтыдта. Ныр Анастасия бацахста фыццаг бынат.
Адджын скульптурæтæ хи къæбицы кæнын – Анастасияйæн йе ‘стырдæр бæллиц. Æмæ йæ алы ног уæлахиз дæр йæ нысанмæ хæстæгдӕр кæны.
















