Цæгат Ирыстонмæ сласдзысты арфæгонд арт. Абон нæ республикæйы минæвæрттæ – Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид атæхсдзысты Иерусалимæ. Нæ республикæйы чырыстон диныл хæст адæм арфæгонд артыл сæмбæлын сæ бон уыдзæн сабаты Беслæны аэропоты. Уый фæстæ арфæгонд арт аласдзысты Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуанмæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Цæгат Ирыстонмæ арфæгонд арт сæрмагонд рейсы Тель-Авивæй сласдзысты цыппæрæм хатт.
















