Сæрды ралæудмæ бирæ нал баззад. Уымæ гæсгæ доны станцæйы цæттæ кæнынц найыны рæстæгмæ. Ныридæгæн уал цадтæ сæрмагонд техникæйы æххуысæй ламийæ сыгъдæг кæнынц. Сæрдыгон æнтæф бон доны станцæ бабæрæг кæнынц мингай адæймаджы. Ардæм уылæфынмæ æрбацæуынц канд Дзæуджыхъæуы цæрджытæ нæ фæлæ ма нæ республикæйы районты цæрджытæ дæр. Доны станцæйы разамонджытæ куыд зæгъынц афтæмæй цæттæ кæнæн мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц пъланмæ гæсгæ.
Дзæуджыхъæуы Доны станцæйы разамонæг Хæбæлонты Вадим: «Æппæт куыстытæ фæнд кæнæм 2 къуырийы æмгъуыдмæ баххæст кæнын. Цадтæ сыгъдæг конд куы фæуæм уæд дзы дон ауадзыстæм. Найыны рæстæг байгом уыдзæн фæткмæ гæсгæ – 1-æм июны».
















