Архонкæйы фæндаг æхгæд æрцæудзæн фæндаггон куыстыты аххосæй.
Æрæхгæндзысты йæ 22 мартъийæ 20 апрелмæ, Владивостокскийæ Московскийы уынгмæ. Ацы фæндаджы хай у хæдтулгæтæ тынг бирæ кæм цæуы, ахæм, зæгъынц Дзæуджыхъæуы администрацийы. Фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ æндæр амал нæй. Администрацийы сидынц шофыртæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ æндæр фæндæгтæ агурой.
Зæгъæм Китайаг фæзмæ бахауæн уыдзæн Ногиры фæндагмæ базилгæйæ, БАМ-ы районмæ та Владивостокски кæнæ Владикавказски уынгмæ базилгæйæ.
















