Архонкæйы станицæйы цур байгом сæрмагонд æрлæууæн. Æвæрæн бынæттæ дзы ис 400 уæзласæн æмæ 250 рог хæдтулгæйæн. Шофыртæ æмæ бæлццæттæн ам сæ фæллад суадзынæн сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ дæр.
Бынаты ис видеоцæстдарды камерæтæ, рухсдæттæн цæджындзтæ, сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, химæ зилæн уаттæ. Объект эксплуатацийы радтой фарон, декабры. Фидæны ма ам фæнд кæнынц информацион фæйнæджытæ сæвæрын. Уыдоны фæрцы шофыртæн сæ бон уыдзæн Гуырдзыстонмæ фæндагыл боныхъæды тыххæй базонын.
















