Республикæйы цæрджытæ дарддæр æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн Украинæйы. Хъазуатонæй чи хæцы уыдоны фарсмæ æрбалæууыдысты Алагиры фæндзæм скъолайы ахуырдзаутæ. Сæ ныййарджытимæ æмæ ахуыргæнджытимæ бийынц хъарм цъындатæ. Бæлвырддæн нæ дарддæры æрмæджы.
Алы сабийы фыстæджы дæр — ныфсдæтæг ныхæстæ. Ныртæккæ тохы тæссаг бынаты чи ис, уыдонæн сæ арвитынц, семæ ма фæсмын цъындатæ сæвæрынц, афтæмæй. Бийынц сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ иумæ. Сæ уды хъармæй кæмæн хай кæнынц, уыдоны нымайынц хъæбатыр хистæртыл. Салдæтты ‘хсæн ис ацы скъолайы рауагъдонтæ дæр.
Æппæт хъæугæ гæрзтæ – тæбын æмæ къæбæлтæ. Уыдонæй сæ сифтонг кодтой «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады минæвæрттæ. Партийы хъæппæрисæй цæуы нæ фæсивæдæн æххуысы нысанимæ æппæтуæрæсеон акци. Ахæсдзæн 23 февралмæ.
Цалдæр бонмæ 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ ахуыргæнджытимæ сбыдтой хъарм цъындаты сæдæ фæлысты. Акцийы архайынц Алагиры дыккæгæм скъолайы кусджытæ дæр, уыимæ бынæттон æмæ Мызуры цæрджытæ. Абоны онг сбыдтой 200 фæлысты. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн сæ арвитдзысты февралы райдиан
















