Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæтдулгæтæн. Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы куыст æрлæууыд. Уый тыххæй хабар кæнынц Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй.
Сæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ, боныхъæд æвзæр у Гуырдзыстоны `рдыгæй. Ныртæккæ уадзæн пункты рады лæууынц уæзæгтæ ласæг хæдтулгæтæ. Уæлдай къæрцхъусдæр уæвын хъæуы фæндæгтыл.
Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæной 101, 112, кæнæ 01 сæрмагонд номыртæм.
















