Хуссар Ирыстоны бирæвæрсыг центры сырх зонæйæ рафыстой 6 адæймаджы. Ныртæккæ центры коноравирусæй рынчын пациентты нымæц у 155.
46 адæймаджы сты Уæрæсейы æфсæддон госпиталы Цхинвалы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ. Центры инфекцион хайады сæхи дзæбæх кæнынц 41 пациенты. Сывæллæтты рынчындоны бæстыхайы ис 114 адæймаджы. 7- сты улæфæн аппаратты бын. Ивгъуыд суткæмæ рынчындонмæ бахауд 11 пациенты. 6-ы рынчындонæй рафыстой.
















