Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сты æхгæд хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр. Банаты рад хæссын сæрмагонд службæтæ – æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, бæллæхты медицинæйы центры дохтыртæ æмæ психологтæ.
Уый бæрц мит кæй æруардзæн, уый æнхъæл шофыртæ нæ уыдысты. Республикæйы æвзæр боныхъæд ныр ис дыккаг бон. Уый аххосæй Арвыкомы фæндаг æрцыд æхгæд.
Уавæр чысыл фæрогдæр кæнынæн уадзæн пункты бацæттæ кодтой хъармгæнæн пункттæ. Ис дзы бацымæн цай æмæ чырæ телефонтæ сифтонг кæныны гæнæн. Дзырдæн, сæ уый æхсызгонæй фæхъæуы, цæмæй хæстæджытæм бадзурой, уый тыххæй. Арæныл ацæуыны радмæ куыд уæзласæн, афтæ рог хæдтулгæ дæр. Уадзæн пункты рад хæссынц фæндæгтыл æдасæй цæуыны афтоинспекци, ис дзы бæллæхты центры медицинæйы экипаж æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады управленийы психологтæ дæр. Ахæм уавæр ис транскамы дæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сæ хъус дарынц дыууæ пункты дæр. Уавæр куы фæхуыздæр уа, уæд фæндаг гом æрцæудзæн. Ныртæккæ та уал специалисттæ сидынц, арæны сæрты ахизынвæнд чи кæны, уыдон цæмæй уавæрмæ сæ хъус дарой.
















