Йæ хъысмæт – театр. Ацы бонты йæ 85 азы юбилей сбæрæг кодта Бекъойты Розæ. Курдиатджын режиссер, Хетæгкаты Къостайы паддзахадон премийы лауреат йæ царды фылдæр хай балæвар кодта театралон аивадæн. Абон дæр ныры фæлтæрæн у куырыхон зондамонæг. Театралон аивады сусæгдзинæдтæ базыдта æгæронæй. Уый бæрæг у йæ алы спектаклæй дæр.
Театралон аивадмæ ӕгæрон уарзондзинад æрдзæй чи рахаста, уыдонæй иу – Бекъойты Розæ. Скъоладзау уæвгæйæ йын литературæ йæ зæрдæйы æвзæрын кодта ирд æнкъарæнтæ. Фæстæдæр та ахæм уарзт йæ зæрдæйы равзæрд театрмæ дæр. Мызуйраг чызг Ирон театры актерты фыццаг хатт федта, гастрольты сӕм куы ‘рцыдысты, уæд.
Театрæн æгæрон тых кæй ис, уый дызæрдыккаг нæу. 1957-æм азы скъолайы фæстæ Бекъойты Розæ йæхи бафæлвæрдта Ирон театрмæ сæрмагонд æвзæрстыты. Æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ къуылымпыйæ айстой. Фӕлӕ йæ ныййарджыты нæ фæндыд, сæ чызг йæ хъысмæт аивадимæ сбæтта, уый. Розæ театры куста, йæ ныййарджытæн ницы загъгӕйӕ. Уæд иу ахæмы труппæ спектаклимæ сцыд Мызурмæ.
Бекъойты Розæ профессионалон ахуырад райста Ленинграды, Театралон аивады институты. Ахуыр кодта зындгонд режиссер Ян Фримæ, фæстæдæр та профессор Георгий Товстоноговмæ.
Уый фæстæ кусынмæ ацыд Иркутскы театрмæ. Фæлæ йыл Ирыстонмæ уарзондзинад фæтых. Фыццаг райдыдта кусын театр «Саби»-йы, фæстæдæр та ма Ирон æмæ Дыгурон театрты дæр. Цал æмæ цал спектаклы сæвæрдта Бекъойты Розæ. Алкæцыйы дæр дзы ныууагъта йæ уды цавæрдæр хай. Уымæн-иу æнæмæнг ссардтой фæндаг аивадуарзджыты зæрдæтæм.
Уæдæ «Цола» та банымайæн ис æнæмæлгæ классикæйыл. Фыццаг хатт æй Ирон театры сценæйыл Бекъойты Розæ сæвæрдта 1981-æм азы. Зындгонд Цæргæсты Дзамболат æмæ Медойты Светланæимæ. Æмæ та 30 азы фæстæ ногæй æрыгон актертимæ йæхæдæг бакуыста «Цолайыл». «Зӕххон хуыцӕуттӕ», «Дон Жуан», «Амыран», «Аланти Нана» æмæ ма бирæ æндæр постановкæтæ Ирон æмæ Дыгурон театрты. Хъысмæтæй нæй фæлидзæн, фæзæгъынц. Бекъойты Розæйæн дæр афтæ рауад йæ цард. Æвæццæгæн, æмæ йæ æрдз сфæлдыста театрæн лæварæн.
















