Театр «Нарты» æгас дунейы хъуыстгонд у йæ джигитовкæйæ. Саргъыл бадгæйæ акробатикæйы элементтæ уæлдай зындæр кæнгæ сты. Барджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæйрагдæр у ма тыхсын.Едзиты Владислав рохтыл сабийæ æрхæцыд. Уæдæй бæхтæ сты йæ хуыздæр хæлæрттæ.Манежмæ йæ фæндаг райдыдта кафты сценæйæ. Афтæ рауад æмæ хореографимæ æмæ дугътæм уарзондзинад баиу сты бæхты театры цатыры бын.
Цæмæй дыл бæх фæцахуыр уа æмæ дæ йæхимæ бауадза, уый тыххæй рæстæг хъæуы, зæгъы барæг. Æрмæст уый фæстæ ис æппынæдзухы тренировкæтæм рахизæн.
Ныр Владиславы разамындæй бæх йæхи иттæг хорз æвдисы. Сæ трюкты хыгъд та адæймаджы дисы ‘фтауы. Бæхтимæ æрæджы чи райдыдта кусын, фæзтыл ахæмтæ дæр ис. Бекъойты Мæдинæ цæрæгойы хæстæгмæ федта театры уæвгæйæ. Фыццаг ын бæх басæттын зын уыд, ахуыртыл ацыд дыууæ азæй фылдæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æрвылбон базоны ногдзинæдтæ.
Хан – сценæйыл Мæдинæйы хуыздæр хæлар у. Барæгимæ зонгæ сты дыууæ азы. Труппæйы æрæджы фæзынд, фæлæ ныридæгæн сси уарзон, барæджы кæй нæ фасайдзæн, уый бæрæг у. Мæдинæ уæлдай аргъ кæны джигитовкæ æмæ спектакль “Посвящение семерым”-æн. Артисткæйы ныхасмæ гæсгæ йæ æмархайæгæй разы у.
Ижевскы фæсивæд равдисдзысты сæ ирддæр номыртæ. Артисттæ æххæстæй раргом кæндзысты сæ курдиат. Ис дзы акробатикæйы элементтæ, ирон кæфтытæ. Рæсугъд нывты бындур — æнæмæнг бæстон архайд. Артисттæ йæ хорз зонынц сценæмæ сæ алы рацыд дæр куыд тæссаг у, уый.
Абон Владиславы бæх йæхи æвзæр æнкъары. Йæ хуыздæр хос у улæфт, -зæгъы æрыгон адæймаг. Алы цæрæгоймæ дæр уæлдай цæст дары труппæйы разамонæг Халиты Мераб.
Ахæм ирд æмæ тæссаг аивад срæсугъд кæндзæн фестиваль. Аренæйыл нæ барджытимæ архайдзысты Аргентинæйы, Австрийы, Бельгийы, Испании æмæ æндæр бæстыты минæвæрттæ. Ирон артистты хæс – нæ æгъдæуттæ æмæ традицитæ æндæр адæмты ‘хсæн равдисын.
Гастрольтæм Ижевскмæ ацæудзысты 11 барæджы æмæ 8 бæхы. Кæд иутæ ахуыр сты ахæм дард фæндæгтыл, уæд иннæтæн та уый у стресс. Цæрæгойтæ сæрибарыл ахуыр сты. Уымæ гæсгæ сын сæрмагонд хæдтулгæты зын у. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы балцы фæстæ цыппÆркъахыг артисттæн дæттынц рæстæг баулæфынæн.
















