preloader
сейчас в эфире
03:31
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
03:35
ТАЙНА НА КАРТЕ. КАВКАЗСКИЕ ДОЛЬМЕНЫ 12+
04:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
close

Рахизфарсы районы фесæфт нартхоры тыллæг

26.07.2024 14:20

Ныртæккæ регион ис антициклоны бæрны.

Рахизфарсы районы ацы аз цыма уарынтæ барæй нæ уыд, дзуры Санаты Вадим. Æнтæф бонты аххосæй французаг мыггаджы нартхоры тыллæг иууылдæр фесæфт – 370 гектары фæзуатыл. “Энермакс”, зæгъгæ, у фæразон бæрзонд температурæтæм. Фæлæ Рахизфарсы районы тæвд боныхъæдæн уый дæр нæ бафæрæзта. Быдыртæм донуадзæн системæ фермермæ нæй. Уарынты бæрц иу сæ тыллæгæн фаг уыд. Фæлæ ныр нымайынц сæ хæрдзтæ.

Тыллæг æрæмбырд кæнын нæ бантысдзæн Исахъты Викторæн дæр. Хъæууон-хæдзарадон куыстуат “Слава”-йы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм тæвд сæрд рагæй нæ хъуыды кæны. Нартхоры хæрзхъæддзинад иу æппынæдзух уыд тынг бæрзонд æмвæзадыл. Æмæ ацы аз дæр хъуамæ афтæ уыдаид. Фæлæ нартхоры тыллæджы бæсты – хус быдыртæ.

Куыстуат “АГРО-СОЮЗ” дæр фесæфта 20 милуан сомæй фылдæр. 600 гектары дзы сты цалдæр фермеры бæрны. Генералон директор Хæмæтхъуаты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй сæ архайды иу рæдыд дæр нæ уыд. Хъуамæ æрæмбырд кодтаиккой нартхоры дыууæ хуызы. Схæцыдысты иу æнæ къуылымпытæй. Фæлæ ацы сæрд афтæ нæ рауад. Æмæ канд тæвд боныхъæды аххос дæр нæу.

Æнтæф бонтæ быдыры районты радыдтой июны астæу. Алы бон дæ иу температурæ схызт 30 градусæй фылдæрмæ. Æмæ уый тыххæй мæр метры онг бынмæ басыгъд. Ныр аграрийтæ фæнд кæнынц сæ быдырты цы хус нартхор ис, уымæй силос саразын.

Мæр кæд бафсæддзæн донæй, уый нырма нæ зонынц. Ныртæккæ регион ис антициклоны бæрны. Ацы бонты йæ баивдзæн Сау денджызы сæрмæ циклон. Æмæ уæд уый йемæ æрбахæсдзæн рог сатæг. Уарынтæ дæр уыдзæн. Ранæй рæтты тæрккъæвдатæ дæр. Фæлæ цы нартхор басыгъд, уымæн ахæм боныхъæд нал баххуыс кæндзæн. Фермертæ сæ зæрдæ дарынц профилон министрады æххуысыл.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое