Æхсызгон рæстæгæрвыстæй — спорты бæрзæндтæм. Баскетболæй Æрыдоны иугонд командæ иттæг хорз бæрæггæнæнтæ æппынæдзух æвдисы. Æрæджы систы Скъолайы лигæйы æппæтуæрæсеон чемпионат “КЭС-БАСКЕТ”-ы хуыздæртæ. Ныр ацæудзысты уæлахиздзауты ‘хсæн ерыстæм Самарæмæ.
Ацы чызджытæн баскетбол монц нæ, фæлæ уарзт у. Сæ царды фылдæр хай фæзыл сты. Зындзинæдты сæрты хизынц, цалынмæ сæхион сæхирдыгæй фæкæнынц, уæдмæ. Æмæ Скъолайы лигæйы æппæтуæрæсеон чемпионатæй дæр æнæ уæлахизæй куыд æрыздæхтаиккой? “КЭС-БАСКЕТ”-ы финалы дагестайнаг спортсменкæтæй цæрдæгдæр разындысты. Ныр хъуамæ Самарæмæ абалц кæной, бæстæйы хуыздрты хуыздæрты ‘хсæн ерыстæм. Се ‘нтыстытæм фæндаг та иудзинадыл æнцой кæны.
Чызджыты цæттæ кæнынц Юрий æмæ Светланæ Корниенко. Юрий баскетболæй уарзæджы æмвæзадыл архайдта, фæлæ Светланæ 5 азы Динамо Курскы фæхъазыд. Уый фæстæ райгуырæн Æрыдонмæ æрыздæхт æмæ ныр 12 азы ахуыр кæны свæллæтты. Йæ хъомылгæнинæгтæн бирæ æнтысты: алы аз дæр æппæтуæрæсеон ерысты сызгъæрин сласынц.
Ахуыры æнтыстдзинæдтæм дæр тренертæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Æвзæр бæрæггæнæнтæ чи райса, уымæн карз æфхæрд —тренировкæтæм æй нæ бауадздзысты.
Ныртæккæ командæ йæхи цæттæ кæны республикæйы сæргълæууæджы Кубокмæ. Алы тренировкæ — 2 сахаты, къуыри 3 хатты. Профессионалон спорты фыццаг къахдзæфтæ кæнынц. Æмæ сæ тырнындзинад афтæ куы ахæсса, уæд æрыдойнаг чызджыты уæлахизты кой нырма иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусдзыстæм.
















