Бастдзинад ӕмӕ нымӕцон къабазы аргъ 2020-æм азы рауад 600 милуан сомы бӕрц. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ хардзгонд ӕрцӕудзысты бастдзинады инфракструктурӕ райрӕзын кӕныны хъуыддагыл.
Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы информацион технологитæ ӕмӕ бастдзинады управленийы разамонӕг Сӕлбиты Алан. Куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ацы аз къухы бафтыд ӕнӕбюджетон фӕрӕзтӕй спайда кӕнын бастдзинады инфраструктурӕйы райрӕзтыл. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бахӕс кодта, цӕмӕй куыст ӕнӕкъуылымпытӕй ӕххӕстгонд цӕуа. Фарон стыр куыстытӕ конд ӕрцыдысты.
Уымӕй уӕлдай ма, раздӕр инвестортӕ проекттӕ райрӕзын кӕнынӕн хъуамӕ бафыстаиккой бирӕ гӕххӕттытӕ. Рӕстӕг дӕр сын бирӕ хъуыд. Хатгай инвестицион ресурстӕ ӕрвыст цыдысты ӕндӕр регионтӕм. Сӕлбиты Алан куыд бафиппайдта, афтӕмӕй пандемийӕ бахаста ивддзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ куыст не ‘рлӕууыд.
















