Бедойты Кристинæ — кафджыты къорд “Стъалытæ”-йы разамонæг. Ныр авд азы сывæллæтты йæ фæдыл хоны аивады бæрзæндтæм. Нæ сын æвгъау кæны йæ зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ. Æвзонг кафджытæ æппынæдзух архайынц алыхуызон æркастыты, свæййынц раззагдæртæ. Æрыгон педагог йæ сæйраг нысаныл нымайы рæзгæ фæлтæры хъомылад. Сабиты разæнгард кæны хиуыл кусынмæ, у сын хорз дæнцæг. Репетицитæй иу бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Саулаты Аланæ.
Бедойты Кристинæ ныр авд азы сывæллæтты йæ фæдыл хоны аивады дунемæ. Йæ зонындзинæдтæ æмæ хъару сын не ‘вгъау кæны. Йæ дæсныйад скъоладзау уæвгæйæ равзæрста. Каст фæцис Культурæйы республикон колледж, уый фæстæ та ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Кавказы аивæдты институтмæ. Ныр та разамынд дæтты Ног Бæтæхъойыхъæуы кафджыты къорд “Стъалытæ”-йæн. Йæ 50 хъомылгæнинаджы йыл æнувыд сты. Æрыгон педагог йæ сæйраг хæсыл нымайы рæзгæ фæлтæры райрæзт.
Аивады æвзонг архайджытæ æхсызгонæй фæтагъд кæнынц репитицитæм. 8-аздзыд Ходы Аминæ къорды æппæты кæстæр у. Ивгъуыд аз сентябры æрбацыд. Цыбыр рæстæгмæ чызг фæцахуыр, йæхи хорз равдыста æмæ ныридæгæн у солисткæ. Зæрдæргъæвдæй йæхиуыл кусы, йæ бæллиц у аивады бæрзæндтæм схизын.
Хъараты Аланæ саби уæвгæйæ бауарзта ирон кæфтытæ. Къордмæ æрбацыд фондз азы размæ, сразæнгард æй кодтой йæ хæлар чызджытæ. Æнæзивæгæй йæхиуыл кусы, ныфсджын къахдзæфтæ кæны аивады къæпхæнтыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, йæ ахуыргæнæг у фæлмæн зæрдæйы хицау.
Аивады фæрцы Кристинæ кæны хъомыладон куыст дæр. Æрвылаз Уæлахизы бонмæ скæнынц ирд равдыстытæ. Уыимæ афæдзы дæргъы æппæт бæрæгбæттæм дæр сæхи бацæттæ кæнынц. Сфæлдыстадон къорд æппынæдзух архайы районы, республикæйы æмæ æгас Цæгат Кавказы æркастыты, алкæддæр сын жюри стыр аргъ скæны.
Культурæйы хæдзары разамонæг Берозты Риммæйæн тынг æхсызгон у æрыгон специалисттæ сæ тыхтæ сабитæн кæй не ‘вгъау кæнынц, уый. Кристинæ сывæллæттимæ куыд архайы, уымæй йæ зæрдæ райы.
Фæсивæды хъомылад у абоны боны сæйрагдæр хæстæй иу. Культурæйы артдзæсты стыр куыст цæуы сæ райрæзтыл. Æрыгон педагогтæ сабиты зæрдæты судзын кæнынц аивадмæ уарзондзинад. Гом сын кæнынц сфæлдыстады æгæрон гæнæнтæ.
















