Хуымæтæг экскурсийы бӕсты — интервью. Хетӕгкаты Къостайы мемориалон хӕдзары кусы студи “Фавор фильм”-ы къорд. Уый сæ лыстæг æмæ бæстон архайдæйæн æрмæст йæ иу хай у. Ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕджы цардыл дзуры музейы сӕргълӕууӕг Отарты Зӕлинӕ.
Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй киноныв суыдзæн командӕ “Фавор фильм”-ы документалон цикл “Родное слово — святое слово”-йы хай. У Уӕрӕсейы адӕмты номдзыд поэтты тыххӕй. Тагъд райдайдзӕн проекты дыккаг сезон, йæ сæргонд — “Свеча должна гореть”.
Хетæгкаты Къостайы курдиаты тых банкъарын ӕмӕ йæ хъысмӕтыл цы сахадыдта, уый бамбарын. Командӕ, йӕ сӕргъы режиссер Наталья Муравецкая, афтӕмӕй бабӕрӕг кодта поэты номимæ баст бынӕттӕ. Фæндыд сæ йæ царды тыххæй æбæрæг цаутæ базонын.
Мультимедион проекты фыццаг сезон райдыдта 2022-ӕм азы. “Звучащее слово. Жанр высокий и беззащитный” — ахæм документалон цикл аххӕссыд бӕстӕйы 14 регионӕй фылдӕрыл. Фӕлӕ “Фавор фильм”-ы разамонӕджы уымӕй размӕ дӕр цымыдис кодтой Цӕгат Ирыстоны истори, эпос, традицитӕ. Афтӕ командӕ базыдта Къостайы сфӕлдыстады тыххӕй.
Ирон литературӕйы музей, Ирон театр, Нары хӕдзар-музей, Алагиры аргъуан — уым Къоста кодта нывтæ. 4 бонмӕ сфæлдыстадон къорд бакодта стыр куыст. Адӕмон хъайтар уӕрӕсейаг кӕсӕджы раз æрлæудзæн, цард ӕмӕ йӕ адӕмы бирӕ чи уарзта, ахӕм бирӕвӕрсыг адӕймагӕй. Проект “Звучащее слово” ӕххӕстгонд цӕуы культурон хъӕппӕристы президентон фонды ӕххуысӕй.
















