Бекуызарты Алан кабинетмӕ ӕрбацӕуы рынчынӕй бирӕ раздӕр. Зӕгъы, фыццаг уал хъӕуы аккаг уавӕртӕ саразын. Ӕрмӕст тыгъдады профессионалон гигиенӕйы фӕстӕ дохтыр-остеопат цӕттӕ вӕййы кусынмӕ. Ӕнцон хӕс нӕу. Фӕсдуар ныууадзын уӕлдай хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ, цӕмӕй ӕххӕстӕй “аныгъуылай” адӕймаджы анамнезы.
Цӕгат Ирыстоны мединститут, уый фӕстӕ Мӕскуыйы ординатурӕ, дарддæр кандидатон бахъахъхъæдта. Остеопатимӕ Алан 18 азы размæ æрбацыд, классикон медицинӕйы зонындзинӕдтӕ фæуӕрӕхдӕр кӕныны фæдыл. Франци ӕмӕ Германийы ахуыр бафидар кодта ахӕм хъуыды: остеопат уӕвӕн ис ӕрмӕст егъау клиникон фӕлтӕрддзинадимӕ дохтырæн.
Даргъ фӕндаг райдыдта хи рыстӕй. Аланӕн ис дыууӕ сывӕллоны. Хистӕр — Марианӕйыл ныр цӕуы 22 азы. Чызгмæ ис ДЦП-йы уӕззау формӕ. Йæ ӕнӕниздзинадыл тохгæнгæйæ, фыд остеопати равзæрста.
Уӕвгӕ, медицинӕ Аланы бинонты ‘хсӕн кӕддӕриддӕр уыд ӕхсӕвӕры афоны сӕйраг темӕ. Республикӕйы Паддзахадон пъланы разамонӕджы фырт рӕзыд дохтырты астæу. Мад — операцигӕнӕг лор-специалист 35-азы стажимӕ, хо — профессор-невролог. Цыфӕнды вазыгджын фарстӕн дӕр-иу Алан дзуапп ссардта йе ‘мкусджытӕй тагъддӕр. Ӕрмӕстдӕр йæ бинонты зондӕй афӕрсгӕйӕ.
Абон йӕ графикы уӕгъд рæстæг нӕй: сывӕллонæй пенсиисæджы онг сты йæ пациенттæ. Патологитӕ — алыхуызон, фӕлӕ сӕ дзæбæхкæнынады иу у — бындурон наукӕ ӕмӕ лыстӕг остеопатикон практикӕ иумæ.
















