Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ Мысæн Вахтæ. 16 азы размæ бæрæгбоны линейкæйы рæстæг скъоламæ æрбабырстой террористтæ. Фыдгæнджыты уацары бахаудысты 1128 адæймаджы. Æртæ боны сæ дардтой спортивон залы æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй. Теракты рæстæг фæмард 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ. Беслæны фыццæгæм скъолайы амæттæгты нæмттæ ссарынмæ æрбацыдысты сæ хиуæттæ, Беслæны цæрджытæ, хицауады уæнгтæ.
Сывæллоны худын ацы скъолайы къуымтæй никуы уал райхъуысдзæн. Йæ къæсæрæй сабитæ царды уæрæх фæндагыл ныфсджын къахдзæфтæ нал ракæндзысты. Ацы сыгъд къултæ æвдисæн сты адæмы хъизæмæрттæ æмæ фыдохæн. Рæстæг ам нылæууыд. Афтæмæй рацыд 16 азы. Уыцы æвирхъау цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уыдон хъæддыхæй зæгъынц, зæрдæйы рыст уæддæр нæ мынæг кæны, зæгъгæ.
Сырх дзуары бархионтæ 2004 азы цаутæ хорз хъуыды кæнынц. Фæлæ сæ, бæргæ, куы нæ зыдтаиккой, зæгъынц, сæ цæсты сыгтæ сæрфгæйæ, ныр. Алы аз дæр вæййынц ам. Ардæм æрбацæуын нымайынц сæ хæсыл.
Беслæны зындзинад айхъуыст æгас дунейыл. Цæгат Ирыстоны чысыл горæты ном зæххы цъарыл чи нал базыдта, ахæм нæ разындзæн. Æвирхъау теракты нæмттæ баззадысты мысынæн. Мæлæты дзæмбытæй чи аирвæзт, уыдон ныр дæр ма хъизæмар кæнынц. Бæллынц æххуысы къух райсынмæ. Цæгат Ирыстоны минæвар Хъырымы Саулаты Валерий алы аз дæр æрцæуы теракты амæттæгты æрымысынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы тугкалæн цауты уацары бахаудысты йæ хиуæттæ дæр. Уæдæй нырмæ йæ хъарутæ нывонд кæны, хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн баххуыс кæнынæн.
Адæмы уынæр ардыгæй райхъуысы афæдз æрмæст 3 боны. Дунейы алы къуымтæй адæм сæ фæндаг кæнынц Беслæны 1-æм пырх скъоламæ, цæмæй, теракты чи бацарæфтыд, уыдоны æрымысой. Фæлæ бынæттон цæрджытæ та, сæ сæртæй ныллæг кувгæйæ, ардæм цæуынц алы бон. Раст цыма æрæджы уыди, афтæ хорз хъуыды кæнынц уыцы æбуалгъ цауы алы фæзилæн дæр.
Æнамонд скъолайы кæрты 3 боны лæууынц адæм. Хæссынц дидинджытæ, дон, судзынц мыдадзын цырæгътæ. Теракты амæттæгты æрымысынц, иу минут æдзæмæй лæугæйæ. Уæдмæ уæларвмæ стæхынц 334 урс-урсид тымбылæджы. Ацы ран цал царды рухсы ахуыссыд, ууыл дзурæг у сæ нымæц та.
Хъуамæ ацы бæллæх нæ зæрдыл дарæм, цыфæнды зын мысæн нын кæд у, уæддæр. Хъуамæ йæ фидæны фæлтæртæ дæр макуы ферох кæной.
Гогаты Марат
















