Никæуыл бацауæрстой Беслæны цауты рæстæг. 334-æй иу уыд Коцойты Артур дæр. Æрыгон, тыхджын æмæ хъæбатыр кæстæр. Цалдæр сæдæ лæппуты ’мрæнхъ Артур дæр 3-æм сентябры уыд скъолайы цур. Йæ цард радта сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ. Æмæ дзы кæд абон йæ бинонтæ сты сæрыстыр, уæддæр сæ рыст къаддæр нæ кæны.
Æрыгон æмæ хъаруджын лæппу… Уæд Артуры хуызон фæсивæд ам бирæ уыд… Сæ хиуæттæм чи ‘нхъæлмæ каст, ахæмтæ. Бирæтæн та скъолайы уæвгæ дæр ничи уыд. 3-æм сентябры æвирхъау цауы судзаггаг кæронбæттæны рæстæг сæхи тынг хъæбатырæй равдыстой. Фыццаг срæмыгъды фæстæ фæтагъд кодтой скъоламæ ирвæзын кодтой сабитыты, сылгоймæгты… Артур дæр уыд фыццæгты ‘хсæн.
Нæ фæтарст нæдæр срæмыгъдтæй, нæдæр егъау æфсæддон техникæйæ, нæ тугдзых лæгсырдты нæмгуытæй. Артур йæ хæсыл нымадта ам уæвын, æххуыс кæнын. Уыцы минутты йæхи цардыл ничы хъуыды кодта, æвæццæгæн. Артур судзгæ скъолайæ рахаста цалдæр сывæллоны. Цал, уый ныр бæрвырд ничиуал базондзæн. Афтæмæй фæцæф. Фыццаг уал уыд ам, рынчындоны, фæлæ, йæ уавæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ арвыстой Мæскуымæ. Нæмыг ын ныппырх кодта йæ рахиз рæуæг. Дохыртæ йын йæ цардыл фæтох кодтой 3 мæйы. Фæлæ сын Артуры аирвæзын кæнын нæ бантыст.
Коцойты бинонотæн скъолайæ рацæуын бантыст. Сæ чындз Ольгæ, лæппу Виктор æмæ чызг Виктория ныр цардмæ æндæр цæстæй кæсынц. Дыккаг хатт сын лæвæрд кæй æрцыд, æвæццæгæн, уымæн. Кæй фервæзтысты, уый фыццаг Артуры уырнгæ дæр нæ кодта.
Уæвгæ, Артуры хуызон сывæллæтты ирвæзын кæнынмæ уырдæм бирæтæ атындзыдтой. Нæ бавгъау кодтой сæ тыхтæ, равдыстой сæ лæгдзинад. Уыдонæй бирæтæн Беслæны æвирхъау цау сси сæ царды кæронбæттæн.
Цыма цас рæстæг хъæуы, цæмæй Беслæны хъæдгæмттæ байгас уой? Цыма цы уыдзæн уый, цæй ‘руаджы адæмæй ферох уыдзысты ацы судзаггаг цаутæ. Æвæццæгæн, æмæ ам рæстæг у æдых…
















