Беслæны аив кæнынц æфсæнвæндаг станцæйы вокзалы цур фæз. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло.
Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Рахизфарсы районы цæрджыты рагæй фæндыд уыцы бæстыхаймæ базилын. Куыстытæ сараздзысты дыууæ къæпхæнæй. Фæуынвæнд сæ кæнынц афæдзы кæронмæ. Беслæнæн уыцы бынат у вазыгджын. Ис дзы культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цалдæр объекты: Сырх æфсады хæстонты æфсымæрон ингæн, Граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстыты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæн, стæй вокзалы бæстыхай. Уым та 1942-æм азы уыд Советон Цæдисы мидæггаг хъуыддæгты адæмон комиссариаты бронепоезды къамандыгæнæг штаб. Аивгæнæг куыстыты проектмæ æркаст профилон комитет.
















