Адæмуарзон, ныфсхаст æмæ сæрæн лæппу. Ахæм уыд Мысыкаты Чермен. Царды ахсджиагдæрыл нымадта рæстдзинад, алкæддæр цæттæ уыд баххуыс кæнынмæ. Йæ æмкъласонтæн – хорз хæлар, ахуыргæнджытæн – фæзминаг æмæ коммæгæс кæстæр. Уыимæ ма ахуыры дæр – раззагдæртимæ. Йæ хорз хъуыддæгтæй йæхицæн кодта ном. Йæ хъазæн ныхæстæ æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахаст уæлдай тынг риссын кæнынц, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæтæ.
Хæрз æрæджы дæр ма иу партæйы уæлхъус чи бадт, уыйы æвзонг лæппутæ æхсарджынæй араст сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ, равдыстой лæгдзинад, фæлæ, хъыгагæн, сæ цард бамынæг. Ныр, алы райсом скъоламæ цы сывæллæттæ цæуой, уыдон номарæн фæйнæгыл уындзысты сæ скъолайæ рацæуæг хъæбатырты къамтæ, сæ нæмттæ сын нæ рох кæндзысты.
Бахизæны – номарæн фæйнæг, скъолайы та – музей. Ам фенæн ис, скъолайæн рауагъдонты бинонтæ цы дзаумæттæ радтой, уыдон. Сæ тетрæдтæ, æвдисæндартæ. Ам сæ ныр бæстонæй хъахъхъæдзысты. Сывæллæттæ цымыдисæй кæсынц экспонаттæм. Сты сæрыстыр сæ хистæр хæлæрттæй.
Сæ райгуырæн скъолаты сæ ном рох нæ уыдзæн. Мысыкаты Чермен, Эдуард Василенко, Хуыгаты Давид. Уыдон хъæбатырæй фæмардысты. Сæ цард радтой кæстæрты рухс фидæны тыххæй. Махæн та нæ стыр хæс у сæ ном æмæ сын сæ лæгдзинад хъуыды кæнын.
















