Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис видео-бастдзинады фæрцы архайдта Уæрæсейы Паддзахадон Советы къамисы æмбырды “Эффективон транспортон системæ” зæгъгæ. Æрныхас кодтой бæлцæтты ласыны фарстаты райрæзтыл, æхсæнадон транспорты хуызтæ сног кæныныл, уыимæ кадрон фарстатыл дæр. Инфраструкатурæйы райрæзтимæ баст хъæппæристæ æмæ сæ дарддæры куыст, уимæ сæ царды рауадзыныл фарстатæ бахастой къамисы протоколмæ. Премьер-министр куыд фæбæрæг кодта, афтæймæй Цæгат Ирыстоны цæуы егъау реформа. Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй зынгæ фæфылдæр автопарк. 2 миллиард сомæн балхæдтой 212 автобусы. Федералон субсидийы руаджы та, йæ бæрц 1,7 миллиард сомы, Дзæуджыхъæуы фæзынд 28 ног трамвайы.
















