Æвзонг æмæ æнæбафæзмынгæ æрыгон журналисттæ. Телеуынынадон проект “Кадры”-ы фенæн уыдзæн нæ республикæйы цард, фæлæ æндæр хуызы, рæзгæ фæлтæры цæстытæй.
7 корреспонденты – æмæ 7 хъуыдыйы. Подкасттæ, репортажтæ, æрфæрстытæ, социалон фæлварæнтæ – уый у равдысты чысыл хай. Къуыри дыууæ хатты сахаты бæрц эрыгон журналисттæ уæ экрантыл æмæ уæ æнкъард кæнын нæ бауатдзысты
Иутæй фыццаг къахдзæфтæ кæнынц журналистикæйы, иннæтæ та фæлтæрджын журналистты æмрæнхъ æрлæууыдысты. Таматы Каринæйы адæм зонынц, амоны равдыст “Самое время”, систа дркументалон ныв, уæдæ равдыст “Ффæрдгуыты” дæр фæархайы, Фæлæ ацы проекты хъуамæ райса интервью зындгонд музыкантæй.
Цалынмæ иутæ музыканттимæ ныхас кæнынц, уæдмæ та уал иннæтæ сæхи фæлварынц ног сурæтты. Бутаты Мæдинæ йæхиуыл абарста офицанкæйы фæлгонц. Лыстæг сусæгдзинæдтæ нын не схъæр кодта, фæлæ ахæм фæлтæрддзинад йæ зæрдæмæ фæцыд.
Проект “Кадры” фæсивæдæн фадат дæтты алы темæты тыххæй сæ хъуыды дзурынæн, уымæй дæр хумæтæг ныхасæй. Дзургæ та кæндзысты дыууæ æвзагыл – уырыссаг æмæ ирон. Æрыгон корреспонденттæ дзурдзысты цы фарстатæ сæ тыхсын кæны, уыдоныл.
Цы тыхсын кæны æмæ цæмæй цæры Ирыстоны фæсивæд? Цæмæ тырнынц – фарстатæ бирæ, дзуаппытæ та сын абон ратдзысты нæ телекомпанийы æфиры рæстæн, уый уыдзæн 21:20 минутыл.
















