Бæслæны культурон цард фæнывджындæр уыдзæн! БМК-йы районы фæсивæды галуаны цæуы бындурон цалцæг æмæ рацарæзт. Бæстыхай дзæгъæллæуд кæны ныр 7 азы. Объектæн æхца рахай кодтой федералон бюджетæй æмæ йæ бахастой «Культурæйы райрæзты» национ проектмæ. Уæдæ йын йæ алфамбылай дæр срæсугъд кæндзысты.
Ацы бæстыхай бынæттон цæрджытæн хистæрæй кæстæрмæ уарзон у. Кæддæр-иу ардыгæй иугæндзон хъуыстысты хъæлдзæг музыкæйы зæлтæ: инструменталон æмæ театралон къордтæ, кафт, зард. Фæсивæды галуаны Рахизфарсы районы кæстæртæ æппынæдзухы уазджытæ уыдысты. Ам-иу æмæ дыууæ курдиаты нæ раргом.
Уæдæ чиныгдон дæр адæмæн уарзон бынат уыд. Чиныгкæсæг цæмæй сцымыдис уа, ахæм литературæйæ цух не ‘ййæфта. Уымæй уæлдай бæстыхайы уыд кинозал. Изæрыгæтты æвдыстой советон дуджы ист кинонывтæ, дарддæр — концерттæ. Адæм кæрæдзиимæ зонгæ кодтой, ам иу фæсивæды ‘хсæн фæзынд хæлардзинад, æрæмбырд-иу кодтой ног коллективтæ. Ацы галуаны бирæ æхсызгон мысинæгтæ баззад.
Фæсивæды галуан ныр 7 азæй фылдæр нæ кусы. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цалцæг райдыдта ацы аз. Бæстыхай ног кæнынц Беслæны райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ. Иу сменæйы кусыны 11 адæймаджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй агъуыстыты фæлындæнтæй кæцыдæртæ ис бахъахъхъæнæн. Уый тыххæй галуаны рацарæзтæй уæлдай, уыдзæн реставраци дæр.
Объект бахастой «Культурæйы райрæзты» национ проектмæ, ноггонд цæуы федералон бюджеты хардзæй. Кусджытæ архайынц, цæмæй йæ адæм цавæрæй бахъуыды кодтой, ахæм ногæй суа. Бæстыхай у 1937 азы амад. Йæ алы агъуыст, алы фæзилæн дæр ын хистæртæ нырма дæр хорз хъуыды кæнынц.
Реставрацигæнджыты нæма ссардтой, нартæккæ ныхас кæнынц дзæуджыхъæуккаг специалисттимæ. Саив кæндзысты бæстыхайы алыварс фæзуат дæр.
















