Сæрмагонд гæххæтмæ бахастой горæты царды æппæт къабæзтæм хауæг алыхуызон мадзæлттæ. Сæ сæйрагдæртæй иу у донæввонг æмæ донуайæн системæты фарста. Уыцы хъуыддæгтыл бæстон æрныхас кодтой техникон æмбырды, йæ разамонæг республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майрæн, афтæмæй. Архайдтой ма дзы районты æмæ горæты хицауады уæнгтæ, коммуналон службæты бæрнон кусджытæ. Æдæппæтæй горæты æвæрд ис 130 километры донæввонг æмæ 40 киломерты дондзон хæтæлты хызтæ.
Специалисттæ куыд ’сбæлвырд кодтой, афтæмæй сæ 85-90% сты дæрдджын æмæ ихсыд. Цæмæй системæты реконструкцийы суинаг пълан рæстмæ арæзт æрцæуа, уый тыххæй хъæуы бæлвырд зонын æмæ æмбарын донуадзæн хæтæлтæ куыд æвæрд сты æмæ сæ кæрæдзиимæ цы хуызы баст сты, уый. Хæстæгдæр рæстæг до нæввонг хызты схемæ сфидар кæндзысты. Уыимæ æркæсдзысты æмæ пъланмæ хаст æрцæуыдзысты горæты ног уынгтæ. Фæнысан дзы кæндзысты ахсджиагдæр бынæтты. Тамайты Майран куыд бафиппайдта, афтæмæй бæстон бакусдзысты доуадзæн схемæйыл, уый у дарддæры куыстытæн йæ бындур.
Уыцы-иу рæстæг дон сыгъдæггæнæнтæ цалцæггонд цæуынц, æмæ сæ куысты тых уыдзæн 12 мин кубометры суткæмæ. Уыимæ ма дон алы ’гъдауæй дæр сыгъдæггонд кæй цæудзæн.
















