Беслæны сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны бындурон цалцæг райдыдта 1-æм мартъийы. Уыцы рæстæгмæ райхæлдтой сантехникæ, къулсæрт, рудзгуытæ, зæронд кафель æмæ пъолтæ. Проект аразгӕйӕ специалисттӕ уынаффӕ кодтой сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны разамонæг Арсӕгты Аленӕимӕ. Куыстытæй разы у, зæгъы, æппæт хъуыдытæ дæр, уæлдай дæр та дизайны фæдыл æххæстгонд цæуынц.
Цалцæг кæнынц дыууæ хайы къордтимæ. Мастер Бигъаты Аркадийы ныхасмæ гæсгæ, куыстытæ цæуынц нысангодн æмгъуыдмæ гæсгæ, объект цæттæ уыдзæн дыууæ мæйы фæстæ. Æрмæджытæй ифтонгадимæ дæр фарстатæ нæ сæвзæрд.
Бындурон цалцæг кæнынц нацпроект “Бинонтæ”-мæ гæсгæ. Æдæппæтæй ам ис 136 хъомылгæнинаджы. Куыстыты рæстæг уал сæ ракодтой сыхаг рæвдауæндæттæм.
















