Патриотон музыкæйы зæлтæм мæнæ ахæм зæрдæмæдзæугæ кафтæй сывæллæттæ байгом кодтой ерыстæ. Цалынмæ командæтæ сæхи цæттæ кодтой, уæдмæ чысыл фалдæр мадзалы уазджытӕ къордтыл адих сты. Сæ уарзон командæты фарсмæ балæууыдысты сæхи нывгонд плакаттимæ. Иууылдæр размæ тырнынц.
Цæлхдурты сæрты чи цырддæр ахиздзæн, уыимæ картоф ныссадзын æмæ тыллæг æрæмбырд кæнын. Цас тагъддæр, уыййас фылдæр баллтæ командæйæн. Хæслæвæрдтæ уыдысты алыхуызон. Се ‘ппæт дæр сæрæндзинад, быхсондзинад равдисынæн. Цымыдисаг та уый у, æмæ архайд цæуы ныййарджытимæ. Уыдон дæр сæхæдæг зæрдиагæй архайдтой æппæт ныхмæлæудтӕн.
Ерысты архайдтой Беслæны æртæ рæвдауæндоны. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кодта жюри. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, сæйраг нысан у сывæллæтты æнæниздзинад хъæддых кæнын, спортмæ сæ æмхиц кæнын. Уымæй уæлдай ма, пайда у æхсæнады архайдæн дæр. Ерыстæ ацыдысты Къудухты Бесикы номыл спортивон комплексы. Бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой.
Хæлардзинады ерысты фæуæлахиз сты 7-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ. Æппæт архайджыты дæр схорзæх кодтой кады гæххæттытæ æмæ майдантæн.
















