Фыд иугæндзон йæ дыууæ чызджы фарсмæ ис, фæлæ уæддæр иунæг у. Сæ ахастдзинæдтæ бæллиццаг не сты. Паддзах Лир сыл йæ паддзахад байуæрста, фæлæ йыл уыдон хинæй рацыдысты. Рæстдзинад ма бæргæ агуры, фæлæ нæй — лæгæн йæ зонд фæцыд.
“Паддзах Лир” у дунеон литературæйы зындгонддæр трагедитæй иу. Куыд Уильям Шекспиры æппæт уацмыстæ, афтæ йын ис арф мидис, æгæрон тых. Драматург æй XVII-æм æнусы райдайæны ныффыста, астæузаманы англисаг эпосы бындурыл. Æмæ ныр 400 азæй фылдæр дунейы сценæтæй нæ иппæрд кæны. Алы фæлтæр дзы йæхи зондахаст фены. Айдæнау æвдисы адæмы цард, сæ философи.
Алы фæзилæн, алы æнкъарæн дæр равдисын æнæсайд æмæ лæмбынæгæй. Цæмæй театрдзау демæ хъыг кæна, демæ райа йæ зæрдæ. Спектаклы режиссёр Уалыты Гиви алы лыстæгдзинадмæ дæр лæмбынæг у.
Уæвгæ, Ирон театр Уильям Шекспиры пьесæтæм гæсгæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сæвæрдта спектакльтæ. Се ‘хсæн “Отелло”, “Ромео æмæ Джульеттæ”, “Гамлет” æмæ бирæ æндæртæ.
Сезоны фыццаг бон театруарзджытæ кæимæ сæмбæлдзысты, уыдоны ‘хсæн — Æлбегаты Алан, Хосонты Фатимæ, Хынцæгты Маринæ, Æгкацаты Аминæ, Айларты Асæхмæт, Къуымæллæгкаты Владимир, Тыджыты Аслан, Косты Ацæмæз, Сугъаты Хъазыбег.
88-æм сезон хъæздыг уыдзæн куыд дунеон классикæ, афтæ ирон драматургийы уацмыстæй дæр. Зæгъæм, Айларты Асæхмæты “Сау лæппу” æмæ “Дæ зæрдæмæ ныккæс”, Ильф æмæ Петровы “12 бандоны”.
Уæдæ та Ирыстоны театрдзаутæ ногæй афишæтыл фæлгæсынц. Труппæйы уæнгтæ та зæрдæ дарынц, сезон ногæй кæй райдайдзæн цымыдисаг æмæ ахадгæ равдыстытӕй.
















