Битарты Вячеслав фембæлд Уæрæсейы фысджыты цæдисы минæвæрттимæ. Делегаци республикæмæ сæмбæлд, цæмæй се ’мкусджытимæ регионы литературæйы райрæзты хъуыддæгтыл æрдзурой.
Делегацийы сæргъы – зынгонд публицист, Уæрæсейы фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов. Кадджын уазджыты ’хсæн Уæрæсейы хъайтары, инæлар-булкъон Геннадий Трошевы чызг Наталья Белокобыльская. Геннадий Трошев стыр æвæрæн бахаста, цæмæй Кавказ сабыр регионыл нымад æрцæуа. Ацы аз майы Дзæуджыхъæуы инæлар-булкъоны номыл байгом кодтой бюст.
Уазджытæ радзырдтой се сфæлдыстадон хъуыдыты тыххæй. Республикæйы сæргълæууæгæн загътой бузныг, Цæгат Ирыстоны фысджытæн хорз уавæртæ кæй аразы, уый тыххæй. Æрныхас кодтой регионты ’хсæн æмгустады фарстатыл, фидæнмæ пълæнттыл. Се ’хсæн, сфæлдыстады хи чи фæлвары, уыцы фæсивæдæн æххуыс æмæ суинаг кæстæрты патриотон хъомыладыл.
Уæрæсейы фысджыты цæдисы номæй бузныджы нысанимæ Николай Иванов Битарты Вячеславы схорзæхджын кодта «Михаил Шолохов» маданæй, Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон бынтæ парахат кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ æрæджы уазджытæ фембæлдысты 58-æм æфсады минæвæрттимæ. Æрдзырдтой фысджытæ æмæ журналистты бынаты тыххæй патриотон хъомылады.
Абон фæнд кæнынц Цæгат Ирыстон æмæ Белгороды облæсты ’хсæн æмгуыстады бадзырд баффыссын.
















