Республикæйы мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хыгъд мысæн æмæ хъыггæнæн бонты уæлдай бæстондæрæй хæсдзысты сæ рад. Уыцы фæтк снысан кодтой Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады оперативон штабы æмбырды.
Разамынд ын лæвæрдта министрады разамонæг Михаил Скоков. Ныхас кодтой адæмы æдасдзинады фарстатыл. Бæлвырддæрæй – сентябры мæйы 1 бонмæ цы сæрмагонд мадзæлттæ аразынц, уыдонмæ цæттæдзинадыл. Пъæлицæйæгтæ ма адæмы æдасдзинадыл бакусдзысты 13 сентябры -хъæлæскæныны иумæйаг боны. Æдæппæттæй бацархайдзысты 3 мин барадхъахъхъæнæгæй фылдæр.
Алы скъолайы дæр мидхъуыддæгты министрады кусджытæ хъуамæ сбæрæг кæной скъолаты бæстыхæйттæ. Архайдзысты дзы кинологтæ æмæ сапертæ. Паддзахадон Автоинспекцийы кусджытæ та сæ хъус æрдардзысты хæдтулгæты æнæнзакъонæй арæзт лæууæн бынæттæм.















