Зындгонд амалхъом адæймаг æмæ меценат Боллоты Таймураз абон бæрæг кæны йæ 70 азы юбилейы. Фыдыбæстæйы цур сгуыхтдзинæдты 2-æм къæпхæны орденæй йæ схорзæхджын кодта бæстæйы президент Владимир Путин. Боллоты Таймуразæн йæ юбилейы фæдыл раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.
«Боллоты Таймураз у курдиатджын разамонæг, ууыл дзурæг у йæ æнтыстдджын архайд» – загъта республикæйы сæргълæууæг. Афтæмæй, разамынд кæмæн лæвæрдта, ахæм куыстуат «Балтика» бацыд бæстæйы егъаудæрты хыгъдмæ. Уæдæ цы промышленнон куыстуат сарæзта, «БТК Групп», уый та Уæрæсейы нымад у уæлдæр технологитæй кæм пайда кæнынц, нырыккон æмвæзадыл чи кусы, ахæмыл. Боллоты Таймуразы хъару ма аххæссы æхсæнадон архайдыл дæр. Тынг узæлы рæзгæ фæлтæрыл, уæлдайæр та Ирыстоны фæсивæдыл. Фæлæ йæ хæрзаудæн куысты кой Боллоты Таймураз арæх нæ фæкæны.
Республикæйы сæргълæууæджы указмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» орденæй.
















