Уадзæн пункт Уæллаг Ларсы уавæр февзæрдæр. Боны ахасты аххосæй 10 сахатæй фæстæмæ уæзласæн машинæты шофыртæн сæ бон арæны сæрты ахизын нал уыди. Уый тыххæй нын фехъусын кодта нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ.
Æрæмбырд дзы 30 машинæйæ фылдæр. Фæндаг байгом уыдзæн сæрмагонд уынаффæйы фæстæ. Сæ куыст ма фæкарздæр кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты авариты фæстиуджытæ иуварсгæнæг службæтæ.
















