preloader
сейчас в эфире
20:58
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. ЛИКА ЕЛИЗАРОВА 12+
Смотрите Далее
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
БИЗНЕС СФЕРА 12+
22:05
ЦВЕТ ЛИПЫ (3,4-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. ЛИКА ЕЛИЗАРОВА 12+
close

Олимпаг хъæзтытæ æнæ Уæрæсейаг тырысайæ

6.12.2017 13:44

Уæрæсейаг спортсментæн нæ бæстæйы тырысаимæ рацæуыны бар нæй

Зымæгон Олимпаг хъæзтыты Уæрæсейаг спортсментæн сæ бæстæйы тырысаимæ рацæуыны бар нæй. Дунеон Олимпаг комитеты уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ ерыс кæной сæ организацийы символимæ. Ахæм цау Олимпаг хъæзтыты историйы нæма уыд. Бирæ спортсментæ дæр йæ ныхмæ сты. Олимпаг комитеты уынаффæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты, спортсменты æмæ сæ тренерты зæрдæмæ дæр нæ цæуы.Уæвгæ, нæ республикæйы фидар спортивон традицитæ ис, ардыгæй рацыд 20 Олимпаг чемпионы. Фæсивæд сæ фæзмынц æмæ сæ бирæтæ ныридæгæн дæр сты алыхуызон къæпхæнты ерысты уæлахиздзаутæ. Алчидæр сæ тырны Олимпаг хъæзтыты сызгъæрин майдан рамбулын. Фæлæ фæстаг азты допингты тыххæй цы дызæрдыггаг уавæр сывзæры, бирæ спортсментæн сæ майдантæ кæй байстой, уый сæ сагъæсы æфтауы.

Таймазты Артур – Паддзахадон Думæйы депутат, Олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион:
«Æппæтдунеон Олимпаг комитет мæ хъуыдымæ гæсгæ раст нæу. Уæрæсейаг спортсментæм цы цæстæнгас ис, семæ сæхи куыд дарынц, куыд сæ æфхæрынц – уый хъуамæ ма уа. Олимпаг бæрзæндтæм цуæгæйæ, спортсмен цы зындзинæдты сæрты ахизы, куыд тренировкæтæ кæны æмæ цас фыдæбон кæны, уый сæхи æмæ сæ тренертæ йеддæмæ ничи зоны. Цыппар азы алы спортсмен дæр фæбæллы Олимпаг хъæзтытæм, алыхуызон æвзарæн кæпæхæнты æмæ ерысты архайы тыхджндæр æмæ хуыздæр уæвыныл. Олимпаг комитет æрæджы цы уынаффæ рахаста, Уæрæсейы командæ ерыстæм ма руадзыны тыххæй – уый та бынтон диссаг у. Уымæ гæсгæ бирæ спортсментæ рацæудзысты нæ бæстæйы нæ, фæлæ Олимпаг тырысайы бын. Хъыг у, фæлæ сыл макæй зæрдæ фæхудæд. Олимпаг майдан рамбулын у цыфæнды спортсмены бæллиц. Уæддæр ерыс кæндзысты æмæ хъахъхъндзысты Уæрæсейы, стæй Цæгат Ирыстоны спортивон кад».

 

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
10.09.2026 I Ирон чат.Æгайт ма!
10.09.2026
10.09.2026 I Дæ райсом хорз Ирыстон
10.09.2026
Проверено полем I Точка отсчета
9.09.2026
Плиты Зæлинæ I Æрмадз
9.09.2026
09.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
9.09.2026
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Все рекомендуемое