Боткины номыл рынчындоны æмæ Уæрæсейы фæсдиплом ахуырады академийы специалисттæ сарæзтой лекциты цикл нæ дохтыртæн. 30 анестезиолог-реаниматологæн бацамыдтой туг сыгъдæг кæнын экстракорпоралон методæй.
Уый у сепсисы рæстæг æвæстиат медицинон æххуысы хуызтæй иу. Къуырийы дæргъы дохтыртæ теоримæ хъуыстой æмæ ног зонындзинæдтæй практикæйыл пайда кодтой. Республикон клиникон рынчындоны хъæугæ материалон-техникон бындур ис. Цæгат Кавказы федералон зылды ахæм курс нырма Ирыстоны сарæзтой æрмæст.
















