Абон Дзæуджыхъæуы бындурон рацарæзты фæстæ байгом паддзахадон ансамбль «Алан»-ы бæстыхай. Кадджын мадзалы архайдта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Кафæн залы сæвæрдтой ног пъол, кæсæнтæ æмæ хореографион хӕцӕнтӕ. Ноггонд æрцыд алы агъуыст дæр.
Уымæй уæлдай, саив кодтой бæстыхайы алфамблай. Бындуронæй ма сцалцæг кодтой ансамблы æмдзæрæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Паддзахадон ансамбль «Алан»-ы бæстыхайыл цæуы æнусы `рдæг чысыл цухæй. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд.
















