Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас» æрвылаз сæххæст кæны сабиты фæндтæ. Бацархайыны фадат дзы ис алкæмæн дæр. Абон та хорз хъуыддæгтæ кæныны сæрмагонд мадзал ацыд Хицауады хæдзары.
Традицимæ гæсгæ, бæрæгбоны заз бæлас саив кодтой сывæллæтты фыстæджытæй. Æдæппæтæй уыдысты 40. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, министртæ, депутаттæ, районты разамонджытæ – се ‘ппæт заз бæласæй райстой сывæллæтты фыстæджытæ сæ бæллицтимæ. Уыдысты алыхуызон. Æмæ сын сæ хæстæг рæстæг бæрнон кусджытæ сæххæст кæндзысты.
















