Сывæллон æнкъараг у, ахуыргæнæджы иуварс фæкаст дæр ын йæ хъусдард аздахы. Фæлæ Бырнацты Зæлинæ æмбисдыхæй кусын нæ зоны. Алы урок дæр афтæ амоны, цæмæй дзы фидæны, фæстæмæ фæкæсгæйæ, худинаг ма кæна. Ахæм у йæ профессионалон кредо. Ныртæккæ математикæйæ ОГЭ-йы хæслæвæрдтæй иу æвзары скъоладзаутимæ. Наукæты паддзах алкæимæ нæ вæййы хæлар. Фæлæ бындурон зонындзинæдтæ æрыгон ахуыргæнæг алкæмæндæр ратты.
Сывæллæттæ фæлварæнмæ сæхи цæттæ кæнынц къуыри иу хатт, лæвар. Афтæ сæм фæкæсы, цыма йæм нырма бирæ хъæуы, чингуыты уæлхъус бадынмæ раджы у. Фæлæ зондамонæджы хæс уый у, цæмæй сывæллоны сразæнгард кæна. Хорз цы зоны æмæ ма бакусын цæуыл хъæуы, уый бамбара скъоладзау. Æмæ хиуыл кусгæйæ — размæ. Хъæугæ балтæ къухы бафтдзысты.
Зæлинæйыл цæуы 25 азы. Сывæллæттæ дзы тæрсгæ нæ кæнынц, йæ хæлар ахаст сын тынг зынаргъ у æмæ йæ зæрдæхудты бацæуын никæй фæнды. Сырх-Дыгуры скъолайы кусы программæ “Хъæууон ахуыргæнæг”-мæ гæсгæ. Математикæ дæттын йæ сабидуджы бæллиц у. Каст фæцис ЦИПУ-йы физ-тех факультет.
Программæйы фæрцы дрддзæф хъæуты ахуыргæнджытæ фæзынд. Се ‘хсæн куыд æрыгон, афтæ фæлтæрдджын специалисттæ дæр.
5 азмæ куысты ныллæууыдысты 49 ахуыргæнæджы. Сæ фиддоны бæрц у милуан сомы. Скъолаты агурынц англисаг æмæ уырыссаг æвзаг, математикæ æмæ физикæйы ахуыргæнджыты. Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ программæйы æмгъуыд адарддæр кодтой 2030 азмæ.
Æмæ программæйы архайæг ахуыргæнджыты фылдæр сæ куысты бынæттæ уадзынвæнд нæ кæнынц. Дæс специалисты ацы аз ацæудзысты дæрддзæф хъæутæм. Хæстæгдæр æртæ азы та ма ноджыдæр 56-æй. Ахуырады хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнынц нацпроект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-йы руаджы.
















