Цæгат Ирыстоны дарддæр кусынц бырон хицæнæй æмбырдгæнæн системæйы райрæзыт.
Уый тыххæй сæрмагонд контейнертæ æвæрынц Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты æмæ кусæндæтты. Нырыккон евроконтейнер ныр ис Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы дæр. Хицæнæй дзы æмбырд кæнынц пластмассæ, гæххæт æмæ згъæр хауæццæгтæ. Ацы аз нацпроект «Экология»-ы фæлгæты республикæйы фæзындзæн мин ахæм контейнеры. Уыцы архайдмæ йæ цæст дардзæн федералон хицауад.
















