Бюджетон кредитты реструктуризацийы фæлгæты регионты авналæнтæ хицауад фæуæрæхдæр кодта. Ног уынаффæйы фæрцы субъекттæ райсдзысты уæлæмхасæн фæрæзтæ инфраструктурон объектты арæзтад æмæ цалцæгæн.
Санкциты рæстæг уый хуыздæрырдæм сахаддзæн регионалон проектты уавæрыл. Афтӕ ма ацы азы бынӕттон бюджетты дефициты тӕккӕ фылдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕн ис сӕ сӕрты ахизыны бар. Ӕрмӕст къазнайы хардзӕй лӕвӕрд кредиттӕ хынцгӕйӕ. Михаил Мишустины ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыцы мадзæлттæ фæпайда уыдзысты адæмы цард фæхуыздæр кæнын æмæ экономикæ размæ ракæнын.
















