preloader
сейчас в эфире
07:48
НУ НАДО ЖЕ! 12+
Смотрите Далее
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
08:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
08:45
НУ НАДО ЖЕ! 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
НУ НАДО ЖЕ! 11+
ТВ ПРОГРАММА
НУ НАДО ЖЕ! 12+
close

Дæллаг Санибайы цæрæг Дзуццаты Зауырбег йæ хæдзары кæрты сырдтæн реабилитацион центр сарæзта

4.10.2022 19:27

Нæлгоймаг йæ хæдзары байгом кодта сырдтæ дзæбæхгæнæн центр. Уый руаджы йæ бон у фылдæр цæрæгойтæн баххуыс кæнын. Бирæтæ Зауырбеджы хонынц «Доктор Айболит».

4 октябры бæрæг кæнынц сырдты хъахъхъæныны Æппæтдунеон бон. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар – зоолог Дзуццаты Зауырбег. Нæлгоймаг йæ хæдзары байгом кодта сырдтæ дзæбæхгæнæн центр. Уый руаджы йæ бон у фылдæр цæрæгойтæн баххуыс кæнын. Бирæтæ Зауырбеджы хонынц «Доктор Айболит». Уæвгæ, дзурынæй иу-хатт фенын хуыздæр у. Сырдтыл куыд ауды уымæ бакæсæм.


Дзуццаты Зауырбеджы Дæллаг Санибайы диссаджы дæсны дохтырыл хуымæтæджы нæ нымайынц. Адæм æм æххуысмæ арæх бахатынц, цæф сырды куы ссарынц, уæд. Йæ сырддоны суанг сыхаг регионтæ Дагестан æмæ Кæсæг-Балхъарæй ласт сырдтæ дæр ис. Уыимæ, лæвар ын кæй бакодтой, ахæмтæ. Йæ фыццаг хъомылгæнинаг уыд сæлавыры мыггагæй сырд Гришæ. Уый йæ къухтæм куы бахауд, уæд æм фæзынд сырдтæн реабилитацион центр байгом кæныны фæнд.

Зауырбег ацы хъуыддагыл архайын куы райдыдта, уæд йæ фарсмæ æрбалæууыдысты, йæхи хуызæн сырдтыл æнувыд чи у, ахæм адæм. Арæх цæрæгойты фенынмæ æрбацæуынц уазджытæ дæр, æмæ афтид къухæй нæ. Лæппуйæн æххуыс кæнынц дуканиты кусджытæ дæр. Сырдтæ уарзынц дзидза, æхсæртæ æмæ дыргътæ.

Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, йæ куысты мидæг зонындзинæдтæ ахсджиаг сты. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынаты кусæгæн йæм ис халон, æхсæрæг, поссумтæ, хæдзарон тæрхъустæ, енотæнгæс куыйтæ. Бæрæг фылдæр уыдысты, фæлæ сæ чи фæдзæбæх вæййы, уыдоны æрдзон уавæртæм рауадзы. Сырдтæм уарзондзинад Зауырбегмæ уыд йæ гыццылæй нырмæ. Зоолог суæвын та йæ æстæм къласы бафæндыд. Уæд тынг цымыдисæй каст Дроздов æмæ Затевахины равдыстытæм.

Зауырбег йæ куыстыл у æнувыд. Ис æм фидæнмæ бæллицтæ дæр. Фæнды йæ реабилитацион центры арæнтæ фæуæрæхдæр кæнын. Афтæмæй йын фылдæр гæнæтæ фæзындзæн сырдтæм фæкæсын æмæ сыл баузæлынмæ. Зæрдæ дары, фидæны уый дæр йæ къухы кæй бафтдзæн.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все рекомендуемое